preloader
сейчас в эфире
15:21
ВОЗВРАЩЕНИЕ УРУЗМАГА 12+
Смотрите Далее
16:15
КАДРЫ 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
ЗАЩИТНИКИ 12+
18:00
ПРОЕКТ "АЛЬФА" 16+
20:00
В ИТОГЕ: 12+
ТВ ПРОГРАММА
ВОЗВРАЩЕНИЕ УРУЗМАГА 12+
close

Суададжы скъола цалцӕг кӕнын райдыдтой мартъийы

18.08.2026 16:20

Скъолайы цалцӕг цӕуы федералон программӕ “Хуыздӕр уавæртæ — сывӕллӕттӕн”-мӕ гӕсгӕ. Ахуыры азы райдианы ардæм ӕрбацӕудзысты 350 сывӕллоны бæрц. Фендзысты райдзаст кълӕстӕ, ног дзаума ӕмӕ техникӕ. Хорз уавӕртӕ — ног ӕнтыстӕн бындур.

Суададжы скъола цалцӕг кӕнын райдыдтой мартъийы. Сӕйраг куыстытӕ аразджытӕ фесты. Къултӕ байсæрстой, уӕлхӕдзар раивтой, ног рудзгуытӕ ӕмӕ дуӕрттӕ сæвæрдтой. Ныртӕккӕ ма хъæуы агъуыстытæ саив кæнын. Къултӕ цӕттӕ кӕнынц ахорынмæ, кълӕсты ног цар аразынц ӕмӕ линолеум ӕвӕрынц. Ӕмгъуыды фарстайы къуылымпыдзинæдтæ нӕй, объект афоныл ратдзысты.

“Зындзинæдтæ ‘ййæфтам æрмæг ласыны хъуыддаджы. Уымæй уæлдай, сывæллæтты рæвдауæндоны хæрæндон скъолайы фарсмæ ис. Æмæ уый кусгæ кодта. Æмæ нæ æрмæст июлы райдианы бауагътой фыццаг уæладзыгмæ бавналын. Уый дæр сахадыдта куыстыты цыдыл”.

Алы бон дӕр ам кусы 20 адӕймаджы бӕрц. Специалисттӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй скъола рагæй уыд зæронд ӕмӕ ӕвадат. Цалцӕджы фӕстӕ уыдзӕн хӕрзвадат ӕмӕ ӕдас. Фыццаг бӕрӕггӕнӕнтӕ зынынц дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзгуыты. Ныридӕгӕн уым плиткӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ къултӕ ахорынмӕ бацӕттӕ кодтой. Ныртӕккӕ ма царӕн бындур аразынц. Цалцæджы фӕстӕ скъола фӕуӕрӕхдӕр уыдзӕн. Аразджытӕ баиу кодтой корпустӕ.

“Сæйраг корпус æртæуæладзыгон у. Йæ фарсмæ — иууæладзыгон. Уым бирæ рæстæг ницы уыд. Афтид уыди. Мах æй сцалцæг кодтам æмæ уый фæрцы скъолайы фæзынд актон зал æмæ фæуæрæхдæр хæрæндон”.

Скъолайы цалцӕг цӕуы федералон программӕ “Хуыздӕр уавæртæ — сывӕллӕттӕн”-мӕ гӕсгӕ. Ахуыры азы райдианы ардæм ӕрбацӕудзысты 350 сывӕллоны бæрц. Фендзысты райдзаст кълӕстӕ, ног дзаума ӕмӕ техникӕ. Хорз уавӕртӕ — ног ӕнтыстӕн бындур.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
Все рекомендуемое