Бузойты бинонтæ Сырх-Дыгурæй уæззау уавæры бахаудысты. Æмбисæхсæв сæ хæдзары æрцыд зынгсирвæзт. Хæдзары цæрджытæ æдас ранмæ афойнадыл ралыгъдысты фæлæ бæстыхай фæнык фестад. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Æвирхъау цау Бузойты бинонтæ æмбаргæ дæр нæ бакодтой, цалынмæ cæм сыхæгтæ нæ фæфæдис сты, уæдмæ. Сырх-Дыгуры хи хæдзары æмбисæхсæв ссыгъд скъæт. Цыбыр рæстæгмæ арт хæдзары бæстыхæйттыл апарахат.
Бынатмæ æрбамбæлдысты зынгхуыссынгæнджытæ. Фæлæ уæдмæ арты æвзæгтæ хæдзар байстой.
Хуыцау хорз æмæ бинонтæ иууылдæр афойнадыл ралыгъдысты. Хæдзары фос: дыууæ хъуджы, дыгæрдыг, куыдз æмæ гæды дæр нал аирвæзтысты. Ныр Бузойтæ рæстæгмæ цæрынц сæ хиуæттæм. Хъыгдард баййафджытæн æххуыс кæнынц хæрзгæнджытæ дæр. Социалон хызæгты æмбырд кæнынц æхцайы фæрæзтæ баххуыс кæнынæн. Зынгсирæвзты фæстиуджытæ та иуварс кодтой æнæхъæн уынгæй.
Зынгсирвæзты аххосаг электрон тыхы телтæ кæрæдзиуыл кæй андзæвыдысты, уый. Фæстаг азмæ Сырх-Дыгуры басыгъд цалдæр хæдзары. Администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй се ппæтæн радтой материалон æххуыс. Цыбыр рæстæгмæ Бузойты мыггагмæ дæр фæкæсдзысты.
Бинонтæ дæр архайынц гæххæттытæ сног кæныныл. Æнæ уымæй æххуыс афойнадыл не `рбацæудзæн.
Брытъиты Феликс