Карз хæцгæ низ парахат кæнын ма бауадзын. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны арæзт æрцыдысты æрвылазон практикон ахуыртæ.
Архайдтой дзы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ, Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды управенийы специалисттæ, тагъд æххуысы æмæ дезинфекцион станцæты кусджытæ, стæй гигиенæ æмæ эпидемиологийы центры специалисттæ. Мадзал аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæ сæйраг нысан у республикæмæ хæцгæ низтæ æрбахæссын ма руадзын. Уымæй уæлдай ма ахæм мадзæлтты руаджы æппæт архайджытæ дæр уæлдæр кæнынц сæ фæлтæрддзинад. Бæстондæрæй базонынц уавæры тыххæй афоныл фехъусын кæныны æмæ рагацау профилактикон мадзæлттæ саразыны домæнтæ. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, рынчындонмæ баластой сывæллоны цавæрдæр хæцгæнизимæ. Дзуапдæттæг дохтыртæн равдыстой, куыд хъæуы сабиимæ архайын, уый. Ахæм ахуыртæ ма фæнд кæнынц æнæниздзинадхъахъхъæнынады иннæ куыстуæтты дæр саразын.