Транскамы фæндаг байгом кодтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн Буронæй Ручъы тъунелы Цæгатаг порталмæ. Уый тыххæй хъусын кæнынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй.
Фæндаг сæхгæдтой 20 июны, ламидæттæ кæй рацыдысты, уый аххосæй. Ныр æй сæрмагонд службæтæ асыгъдæг кодтой. Фæлæ ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ, фæндагыл цæугæй хи хъахъхъæной.