Цæгат Ирыстоны ацы аз фæзындзæн 14 ног спортивон фæзы. Уый къухы бафтыд федералон программæ «Физкультурæ æмæ спорты райрæзты» фæлгæты. Ног спортивон фæзтæ сараздзысты Горæтгæрон районы. Ацы объект уыдзæн цыппæрæм.
Ныридæгæн фæз аразынц Камбилеевкæйы хъæуы. Сифтонг æй кæндзысты хъæугæ кусæнгæрзтæй. Фидæны ма спортивон фæзтæ фæзындзæн Сунжæйы æмæ Ногиры. Проектмæ гæсгæ спортивон объекты иумæйаг фæзуат уыдзæн 800 м2.
Годжыцаты Артур – горæтгæрон районы Администрацийы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл æмæ спорты хайады разамонæджы бартæ æххæстгæнæг: «Ахсджиаг хъуыддаг у спортивон объектты арæзтад. Сывæллон йæ сабибонтæй хъуамæ спорты архайа. Æнæниз царды уаг аразгæ у алы адæймагæн йæхицæй. Адæймаг йæхиуыл куы куса, уæд æнæниздзинадæн дæр пайда уыдзæн».