Абон уалдзæг йæ бартæ йæхимæ райсынвæнд скодта. Боны дыккаг æмбисы республикæйы ранæй-рæтты уæларвæй æргæр-гæр кодта их!
Раст зæгъгæйæ, нырма арвы гæрæхтæн раджы у, æмæ адæмы дæр дисы уымæн бафтыдта. Алчи йæ телефонмæ фæцарæхст æмæ уый руаджы сымах дæр ныртæккæ уынут уалдзæджы фыццаг салам. Ацы кадртæ, зæгъæм, систой Сырх-Дыгуры. Фæскадры хъæлæсæй бæрæг у, ахæм «лæвармæ» кæй не `нхъæлмæ кастысты, уый. Фæстæдæр ма куыд базыдтам, афтæ тæрккъæвдайы доны цыхцырджытæ æрæхсадтой Æрыдоны, Кировы æмæ Рахизфарсы районты уынгтæ дæр. Иудзырдæй, æрдзы ницы бауромдзæн æмæ йын фæндаг раттын хъæуы.