Республикæйы æхсæз адæймагмæ рабæрæг фадынæг. Уыдонæй æртæ – хистæр кары цæрджытæ, æртæ та — сывæллæттæ. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, низы бæрæггæнæнтæ лабороторон иртæстытæ нæма ацыдысты.
Ныртæккæ пациенттæм кæсынц дохтыртæ сывæллæтты республикон клиникон рынчындон æмæ Алагиры рынчындоны. Сæ уавæр бынтон уæззау нæу. Се ‘ппæтæн дæр сæ буары тæвд у бæрзонд, сты лæмæгъ. Хæргæ дæр æвзæр кæнынц.