Цæгат Ирыстоны ацыд хи хъахъхъæнынимæ баст чемпионат æхстытæй. Ацы спорты хуыз æвдисы, тæссаг уавæрæй хи куыд бахизæн ис, уый. Сæ арæхстдзинад равдисынмæ Ирыстонмæ ссыдысты 60 адæймагæй фылдæр, Уæрæсейы алы къуымтæй. Ерысты уыдысты фæлварæнтæ иугонд командæмæ бахауынмæ.
Ацы спорты хъæуы хиуыл хæцын цыфæнды уавæры дæр. Уæлахизы сæйраг домæн – цырд æмæ рæстдзæвин уæвын. Иу фæзуатыл 60 адæймаджы нæ бæстæйы 9 регионæй. Се ‘хсӕн – Мӕскуы, Санкт-Петербург, æрбацыдысты Казахстаны минæвæрттæ дæр. Архайджыты ‘хсæн куыд фæлтæрдджын, афтæ, ацы спорты нырма фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, ахæмтӕ дæр.
Рæстдзæвин уæвын ахсджиаг у, фæлæ фаг нæу. Æнтыстытӕ бафтынц, психологон æгъдауæй хуыздæр цæттæ чи у, уыдоны къухы. Хиуыл хæцыны хъуыддаджы кæмæндæр æххуыс сты сæрмагонд улæфæн практикæтæ, кæмæндæр та æхсыны размæ сабыр бынаты абадын фæахъаз вæййы. Зæрдæйы гуыпп-гуыпп æрсабыр кæнын вазыгджын хæс у.
Хуымæтæг фæлтæрæнтæ ам нæй. Хъахъхъæнынадон æхстытæн уый у сæ миниуджытæй иу. Размæ æвæрд хæслæвæрдтæ архайджытæ фенынц, æрмæстдӕр стартмæ куы рахизынц, уæд. Уый хæдразмæ сын сæ раст архайдыл ахъуыды кæныны фадат нæ вæййы. Змæлын хъæуы цæсты фæныкъуылдмæ. Тренировкæты рæстæг, зӕгъгӕ, æвиппайды фæзынд тæссаг уавæр æнæниздзинадæн, уæд æхсын фæхъæуы сæрбихъуыройӕ.
Хи бахъахъхъæнынимæ баст æхстыты хуыз фæзынд Америкæйы ивгъуыд æнусы 96-æм азы. Афæдзæй-афæдзмæ йæ архайджыты нымæц нæ бæстæйы фылдæр кæны.
Уæрæсейы иугонд командæмæ цы уæлахиздзаутæ бахауой, уыдон нæ бæстæйы кад хъахъхъæндзысты Европæйы чемпионаты.