Милдзыхты Руслан райгуырд Ирыстоны. Ирон бæгæныйы конкурсы фыццаг хатт архайы. Уый тыххæй сæрмагондæй Ирыстонмæ ссыд Голландийæ, мадзалы тыххæй фехъуыста уымы цæрæг ирæттæй. Куыд зæгъы, афтæмæй ахæм мадзæлттæ ахсджиаг сты ирон культурæ æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæнынæн æмæ сæм кæстæр фæлтæры æргом здахынæн. Руслан æркастмæ бацæттæ кодта бæркадджын фынг. Сæйрагдæр бæгæны, уымæй дарддæр ирон къæбиц цæмæй фидауы, уыцы хæринæгтæ.
Ирон бæгæныйы конкурс ныр 8-æм хатт конд æрцыд. Æдæппæтæй дзы архайдтой 20 адæймаджы. Уыдон иууылдæр фæуæлахиз сты районты æвзарæн къæпхæнты. Бæгæныфыцджытæн аргъ кæнынц жюрийы уæнгтæ. Сæйрагдæр кæсынц нозты хуыз ,адмæ æмæ цæмæй конд у, уымæ.
Æркасты аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй афæдзæй-афæдзмæ конкурсантты нымæц рæзы. Уыимæ ма дзы бацархайын бафæнды æндæр бæстæты æмæ сахарты цæрæг ирон адæмы. Ныр дæр та делегацитæ ссыдысты , Ирландийæ, Францийæ, Бельгийæ æмæ суанг Америкæйæ дæр. Саккаг æм кодтой Хуссар Ирæй дæр.
Конкурс-фестиваль хъæздыг уыд алыхуызон равдыстæй. Фенæн дзы уыдис æрмдæсныты, нывгæнджыты куыстытæ. Фæзтыл апарахат сты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Уазджыты сбуц кодтой ирон кæфтытæ æмæ зарджытæй. Ахæм мадзæлтты фæрцы ирон культурæ æмæ традицитæн фесæфынæй тас нæу.
















