2025-æм æй 2027-æм азмæ Цæгат Ирыстоны фæзындзæн дыууæ скъолайы æмæ сывæллæтты дыууæ рæвдауæндоны. Уæрæсейы рухстауынады министрад рахæцыд 48 объекты фæдыл курдиæтты фарс. Хыгъды арæзтад æмæ бындурон цалцæг. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй 25 скъолаимæ сразы сты. Уымæй уæлдай ма сног кæндзысты сывæллæтты 16 рæвдауæндоны æмæ 7 астæуккаг профессионалон ахуырады бæстыхайы. Æмткæй райсгæйæ æппæт мадзæлттæ сæххæст кæнынæн снысан кодтой 7 млрд сомы.