Цæгат Ирыстоны Хъазыбеджы хохмæ хизгæйæ, 4 мин метры æмвæзадыл альпинистты къорд зæйы бын фæци.
Уый тыххæй хъусын кæны Æнæнхъæлæджы цауты министрады пресс-службæ. Альпинисттæ хохмæ хизын райдыдтой Гуырдзыстоны ’рдыгæй. Хъыгдæрд баййафджытæй иу – сылгоймаг. Рагагъоммæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ йæ къах асаста. Æдæппæтæй цал адæймаджы фæцæфтæ, уый бæрæг нæу. Сæрмагонд службæйы хæдтæхæг хъуамæ фæхæццæ уа бынатмæ æмæ адæмæн æххуыс бакæна.