Хи куыстуат кæмæ ис, уыдонæн сæ бон у низы аххосæй куы нæ кусой, уæд паддзахадон фиддонтæ исын. 1-æм январæй, куыд æгас бæстæйы, афтæ республикæйы дæр райдыдтой фæлварæн хуызы æххæст кæнын барвæндонæй фæдзæхстад, ома адæймагæн йæ бон фæлой кæнын куы нæ уа рæстæгмæ низы аххосæй. Уый тыххæй хъæуы Социалон фонды хи срегистраци кæнын. Курдиат та бадæттæн ис ведомствæйы клиентон службæты, Паддзахадон лæггæдты порталы, кæнæ мобилон уæлæфтуан “Мой налог”-ы.
Уыцы иу рæстæг ма иухаттон æгъдауæй ис бафидæн афæдзæн социалон фæдзæхстады фиддон – 16 мины 128 сомы кæнæ 23 мины 40 сомы. 6 мæйы дæргъы æнæ къуылымпыйæ куы фæфида хи куыстуат кæмæ ис, ахæм адæймаг, уæд йæ бон уыдзæн низы аххосæй куы нæ куса, уæд паддзахадон фиддонтæ исын.
















