Туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы арæзтадон куысты кæй сфидар кодтой, уыдоны суæгъд кæндзысты транспортон хъалонæй. Ахæм уынаффæ рахæссынвæнд кæнынц 10 хъалондæттæн æмгъуыдæн.
Ома, регистрацийы фæстæ сæ нæ хъæудзæн дæс азы хъалон фидын. Уый тыххæй дзырдтой хицауады æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта премьер Тускъаты Таймураз. Уый фæрцы амалхъомады архайд зынгæ фенцондæр уыдзæн. Уымæй уæлдай ма, æмбырды æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны ивгъуыд азы социалон-экономикон рæзтыл. Дзуапдæттæг министры ныхæстæм гæсгæ, кæд пандемийæ йæ кæнон кодта, уæддæр фарон макроэкономикон бæрæггæнæнтæ сæхи æвзæр нæ равдыстой. Ныхас цæуы промышленон кондады рæзтыл, хъæууон хæдзарад æмæ цæрæнуæтты арæзтады къабазыл.
Хъæууон хæдзарады индекс равдыста 14%. Министры ныхæстæм гæсгæ, ууыл сахадыд паддзахадон æххуыс. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы аз уыцы куыст хъæуы дарддæр ахæццæ кæнын.