Паддзахадон æмæ националон проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц Æрæфы районы, ууыл республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ æрныхас кодта районы хицауадимæ. Фембæлды архайдтой дзуапдæттæг кусæндæттæ æмæ министрадты разамонджытæ. Ахсджиаг ныхасы сæйрагдæр хæстæй иу уыд бынаты риссагдæр фарстатæ æнцондæрæй райхалын. Се `ргом ма аздæхтой фæсивæдон политикæ æмæ адæмæн куыст ссарыны хæсмæ дæр, стæй мæгуырдзинады ныхмæ тох кæныны программæмæ.
Хæстæгдæр рæстæг Æрæфы районы фæзындзæн фæсивæдон бирæвæрсыг центр. Уый æрыгон адæмæн хорз æххуыс уыдзæн сфæлдыстадон, интеллектуалон æмæ физикон æгъдауæй рæзынæн. Уыимæ ма фæсивæдон амалхъомады хъæппæристæ дæр рæздзысты. Центр уыдзæн Цыколайы. Районы алы стыр хъæуы дæр снысан кæндзысты иугай специалисттæ. Ныртæккæ сæ исынц куыстмæ.
Районы куысты бынæттæ фаг нæй. Уый у риссагдæр фарстатæй иу. Районы куыст дæттыны комитеты хыгъды лæууы 300 адæймагæй фылдæр. Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лæгкуты Омар куыд зæгъы, афтæмæй та æгуыст адæмы нымæц дзæвгар фылдæр у. 2021-æм азы райдианæй уал кусын райдыдтой 25 адæймаджы. Иннæтимæ куыд архайынц, уымæй вице-премьер фарста бынæттон администрацийы.
Æмбырды ахсджиагдæр фарстатæй ма иу уыд «Мæгуырдзинадимæ тох»-ы программæйы райрæзт. Районы социалон лæггæдты центры ныридæгæн æркастысты 75 курдиатмæ. Бафыстой 20 куыстадон социалон контракты. Се ‘ппæт дæр кусын райдыдтой. Программæйы фæлгæты 13 адæймаджы райстой æхцайæ æххуыс. Курдиат чи балæвæрдта, уыдоны ‘хсæн ис, хи фермерон хæдзарæдты кусын кæй фæнды, ахæмтæ дæр.
Азымты Иринæ куыд бафиппайдта, афтæмæй хицауады æххæстгæнæн оргæнтæ æмæ бынæттон администрацийы æмгуыстады руаджы раиртасæн ис ахсджиаг фарстатæ æмæ сæ аиуварс кæныныл бакусын.
Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ министрадтæ æмæ дзуаппдæттæг кусæндæтты разамонджытæн бабар кодтой амынд хъуыддæгтыл бакусын.
Хуасдзауты Алинæ