Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ раиртæстой барадхæлд унитарон кусæндоны. Уый тыххæй хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ. Басгæрсты рæстæг рабæрæг кодтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы уагхæлдтытæ. 53-аздзыд нæлгоймаджы азымджын кæнынц цæстфæлдахæн митæй.
Бæлвырддæр та, директоры аххосджын кæнынц, электрон тыхдæттæг компанийы раз йæ хæстæ кæй не ’ххæст кодта, уымæй. Профилон компанийæ кусæндон фæхæсджын 19 милуан сомæй фылдæр.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ муниципалон кусæндоны разамонæг йæ куыстмæ каст куыдфæндыйы цæстæй. Бардзырдтыл йæ къух ауыгъта, хæс та фылдæрæй-фылдæр кодта. Уый хыгъд, цæрджытæ лæггæдтæн сæ фиддонтæ фыстой афойнадыл. Ныр нæлгоймагæн стæрхон кæндзысты. Гæнæн ис, æмæ ивар бафида иу милуаны сомы бæрц, кæнæ та йæм кæсы 10 азы онг ахæстоны фæбадыны тæрхон.