«Бережливый регион», зæгъгæ, проекты фæлгæты Цæгат Ирыстоны ивгъуыд азы сæххæст кодтой 50 проекты. Паддзахадон корпораци «Росатом»-ы разамындæй дӕснытӕ паддзахадон æмæ æххæстгæнæн оргæнты специалисттæ, бынæттон хиуынафæййады администрациты ифтонг кæнынц алыхуызон пайда технологитæй.
Цæгат Ирыстоны ацы куыст дарддæр кæндзысты. Ацы азы пълæнттыл республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æрныхас кодта проекты разамонæг Дмитрий Репьёвимæ. Дмитрий Репьевы ныхæстæм гæсгæ, проекты фæрцы бакусдзысты цæрджыты риссагдæр фарстатыл. Сæрмагонд бынат ахсынц, Республикæйы клиникон рынчындоны цы программæтæ сæххæст кодтой, уыдон. Сæ фæрцы пациентмæ COVID-19 рабæрæг кæныны уавæртæ фæхуыздæр сты. Фæтагъддæр ма сты, КТ аппараты фæрцы цы иртæстытæ ацæуынц, уыдоны бæрæггæнæнтæ дæр. Уæдæ сырх зонæйы чи кусы, уыдон сыгъдæг зонæйы кусджытимæ ныхæй-ныхмæ не ‘мбæлынц. Республикæйы сæргълæууæг фæнысан кодта, корпораци «Росатом»-имæ дарддæр дæр æнтыстджынæй кæй æмгуыст кæндзысты, ууыл.