Дыргъдоны 200 бæласы ‘хсæн фæткъуыйы дыууæ хуызы – “голден” и “ред делишес”. Дыууæ сорты дæр хорз тыллæг дæттынц. Ацы аз сисынвæнд кæнынц 2 тоннæйы. Дыууæ сорты дæр æнцонзылд сты. Хæстæгдæр рæстæг сæ æхсæдын райдайдзысты. Тохсырты Зауыр бæласы талатæ самал кодта социалон контракты руаджы. 2021-æм азы йæ райста. Æдæппæтæй 250 мин сомы.
Зауыр фæтъкуытæ ауæй кæны бынæттон базарадон бынæтты. Æппынæдзух ын сæ фæрсынц. Фидæнмæ пълæнтты – фæнды йæ дыргъдон цалдæр гектары фестырдæр кæнын, фæлæ йæ уый тыххæй хъæуы фæрæзтæ. Æххуысы фæдыл фæсидт хъæууон хæдзарады министрадмæ.
Афæдз æмæ æрдæджы размæ ма Зауыр ноджы бакуыста иу проекты райрæзтыл. Горæты астæу байгом кодта чысыл хæрæндон. Æмткæй йын дзы кусы цыппар адæймаджы. Хæринаггæнджытæ – Æрыдоны аграрон-технологон колледжы студенттæ.
Ууыл амалхъом адæймаг æрлæууынмæ нæ хъавы. Ныртæккæ кусы ног проектыл. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй горæты нырма ахæм бынат нæй.
Тохсырты Зауыр равдыста социалон контракты фæрцы хи куыстуат байгом кæнын æмæ йæ райрæзтыл кусæн кæй ис. Æртæ азмæ æххуысы ацы гæнæнæй спайда кодтой 3 мин 700 адæймаджы. Процедурæ æппынæдзух хуымæтæг дæр кæнынц. Ныртæккæ курдиат бадæттæн ис Паддзахадон лæггæдты порталы.















