«Внимание, дети!», зæгъгæ профилактикон мадзал сарæзтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ. Йæ сæйраг нысан фæндаггон фыдбылызты профилактикæ. Тематикон мадзæлттæ инспектортæ аразынц онлайн-хуызы дæр.
Сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытимæ ныхас кæнынц фæндаджы сæрты раст ахизыны тыххæй. Уымæй уæлдай ма сын æмбарын кæнынц сывæллæтты хæдтулгæйы ласгæйæ хъуамæ баст уой æдасдзинады ронæй, уæдæ рухсздахæн уæлæдарæсы тыххæй дæр рох кæнын нæ хъæуы. Инспектортæ æрыгон фæндаггон змæлды архайджытæн аразынц онлайн конкурстæ æмæ викторинæтæ. Акци ахæсдзæн 25 июнмæ.