Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамис сфидар кодта Паддзахадон думæмæ депутаттæм æвзæрстыты хатдзæгтæ. Уый тыххæй фехъусын кодта центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ.
Протоколты 100% бæрæггæнæнтæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны фæуæлахиз парти «Иугонд Уæрæсе». Схъæлæс ыл кодтой 340 мин 844 адæймаджы. Уый у хъæлæсгæнджыты иумæйаг нымæцæн йæ 71%. Дыккаг бынаты ис Уæрæсейы Коммунистон парти, æртыккæгтæ сты — «Рæстдзæвин Уæрæсе», цыппæрæм бынаты та ис Уæрæсейы либералон-демократон парти.
Æвзæрстыты æдæппæтæй бацархайдтой цæрджыты 86%. Иумандатон æвзарæн зылды æвзæрстыты схъæлæс кодтой 449 мин 040 адæймаджы. Паддзахадон думæмæ 8-æм æмбырды æвзæрстыты фæуæлахиз Таймазты Артур, схъæлæс ыл кодтой цæрджыты 76%, дыккаг бынаты — Бестауты Сослан, æртыккаг — Дыдарты Сослан.