Цæгат Ирыстоны зæхкусджытæн афæдзы кæронмæ рахай кæндзысты 128 милуан сомы. Афтæмæй, хъæууонхæдзарадон продукци уадзджытæ баххæст кæндзысты сæ хæрдзты 50%. Ныхас цæуы мæнæу, сылмæнæу, хъæбæрхор æмæ нартхоры кондадыл. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан.
Æдæппæтæй Уæрæсейы фæстауæрцы фондæй регионтæн ацы хъуыддагæн рахай кæндзысты 10 млрд сомы.
















