Цъæйы коммæ Рекомы дзуары бынмæ æрбамбырд сты æгас Ирыстонæй нæлгоймаг дзыллæ. Сæ кувинæгтимæ: æртыгай чъиритæ, æртæ æртæдзыхонтимæ, бæгæныимæ цæуынц кувæндоны бынмæ. Цæсгæмттыл — æхсызгон мидбылхудт, цæстæнгас — хъæлдзæг æмæ æнахуыр сыгъдæг рухсæй дзаг. Алырдыгæй хъуысыдысты бæрæгбоны фæдыл зæрдиаг арфæтæ æмæ зарджытæ.
Бæрæгбонмæ, кувæндоны цы мысайнæгтæ æрæмбырд, уыдонæй самал кодтой гал. Æмæ йæ, бæлвырд æгъдау сæххæст кæныны фæстæ, акусарт кодтой. Бахсыстой бæгæны дæр.
Хистæртæ Иры дзыллæйы фæдзæхстой Стыр Хуыцауыл, Рекомы дзуарыл. Сæ ракуывды куырдтой Ирыстоны адæмæн амонд, фарн æмæ бæркад. Кæстæрты “оммен” та фæлмæн дымгæ Цъæйы хæхты рагъæй-рагъмæ хаста.
Фыдæлты ныхæстæм гæсгæ, Реком у нæлгоймæгтæн — фидæны царды бындуртæн, æфсæддонтæн ахъазгæнæг дзуар. Бæрæгбон фæцæуы къуырийы дæргъы.
Алы аз куыд вæййы, афтæ та ацы хатт дæр Рекомы Уастырджийы бæрæгбонмæ ссыдысты, Мæскуы Петербург æмæ ма Уæрæсейы æндæр горæтты чи цæры, уыцы ирæттæ дæр.
Куывддзаутæ сахуыстой сæ кувинæгтæй æмæ бацыдысты дыууæуæладзыгон гуыппсимды. Кæд хур фæсхохмæ фæцæйкъул кодта, уæддæр адæмæн сæ зæрдæйы бæрæгбоны цин нæ хæлд. Дардыл хъуыд фæсивæды зарын.