Амалхъомады субъектты барты тыххæй цæрджыты фарстатæм байхъуыстой Цæгат Ирыстоны прокурор Александр Морозов æмæ амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимур. Фарстатӕн сӕ фылдæр баст уыдысты хъæбæр хауæдздзæгты лæггæдты тарифтыл кæй æфты, æмбæлгæ цæстдардыл — уымӕй дӕр ма пандемийæйы рæстæг.
Комкоммæ ныхасы хатдзæгтæм гæсгæ, бизнес-æхсæнады минæвæрттæн бакодтой закъоны бындурыл æмбæлгæ æххуыс. Цы курдиæттæ æрбацыд, уыдоны фæдыл нысангонд уыдзæн басгæрстытæ. Сæ хатдзæгтæ сын фехъусын кæндзысты республикæйы прокурорæн.