Æрæджы æппæт дунейы сбæрæг кодтой доноры бон. Республикæйы æрвылмæй дæр 800 адæймаджы бæрц свæййынц донортæ. Процедурæйæн 10 минутæй фылдæр нæ бахъæуы, ацæуæн æй ис тугдæттæн станцæйы. Туг радтын йæ бон кæмæн у æмæ куыд ацæуы бæлвырддæрæй процедурæ, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы.
Огъуаты Алыксандр донор фыццаг хатт сси, техникумы ма куы ахуыр кодта, уæд. Уæдæй абонмæ æдзух дæр æххæст кæны тугдæттыны бæрнон хæс. Йæ туджы группæ у дыккаг æвæрццæг. Æмбæлы цæрджыты 30%-мæ.
Æрæджы æппæт дуне дæр бæрæг кодта тугдæттæг доноры бон. Цæгат Ирыстоны ахæм станцæ кусы æнæрлæуугæйæ. Уæдæ цæрджытæ дæр тынг зæрдиагæй ацы мадзæлтты архайынц. Æрвылмæй дæр туг æмæ плазмæ раттынц 800 адæймагæй фылдæр. Иу хаттæн 10 минутмæ райсынц туджы 500 миллилитры. Бакусынц сыл, стæй сæ сæрмагонд уазалгæнæн кусæгæрзты ныллæг темперæтурæйы 42 бонмæ бафснайынц, плазмæ та 3 азмæ.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ туг дæттыны хъуыддаджы бацархайын æппæты бон кæй нæу. Æдзух рынчынтæ чи кæны æмæ уæззæу операцитæ чи бавзæрста, уыдонæн се`нæниздзинады уавæр ахæм фадат нæ дæтты. Нæй туг дæттæн гриппы фæстæ дæр, банхъæлмæ кæсын фæхъæуы мæй. Пандемийæ куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ та ма фæхъæуы скæнын низ рахатыны тест дæр. Низ куы рабæрæг уа, уæд туг дæттæн уыдзæн æрмæстдæр æртæ мæйы фæстæ.
Туг дæттæн ис райсомæй сихоры онг. Уый размæ хъæуы æнæмæнг аходæн бахæрын. Станцæйы медиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй афæдзæй-афæдзмæ донорты бæрц кæны фылдæр. Уыдонæй алкæмæндæр сæ бон у кæйдæр аирвæзын кæнын, æххуысы къух бадæттын.