Цæгат Ирыстоны дарддæр аразынц æмæ бындуронæй цалцæг кæнынц, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ. Æппæт хъуыддæгтæ дæр къухы ‘фтынц национ проектты руаджы. Уавæрмæ æппынæдзух йæ хъус дары премьер Тускъаты Таймураз. Абон бабрæг кодта культурæйы хæдзæрттæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты арæзтадон фæзтæ. Дзæуджыхъæуы, Рахизфарсы, Алагиры, Кировы районты.
Дзæуджыхъæуы 19 микрорайоны сывæллæтты рæвдауæндоны арæзтад кæронмæ æрхæццæ. Ныртæккæ ам æнхъæлмæ кæсынц ног кусæнгæрзтæм. Тагъд байгом уыдзæн. Сывæллæтты рæвдауæндоны бынат у<iframe width=”560″ height=”315″ src=”https://www.youtube.com/embed/sTE05imktUk” frameborder=”0″ allow=”accelerometer; autoplay; clipboard-write; encrypted-media; gyroscope; picture-in-picture” allowfullscreen></iframe>ыдзæн 280 сабийæн. Объект раттынвæнд кæнынц хæстæгдæр дыууæ къуырийы. Арæзтадон куыстытæ куыд æххæстгонд цыдысты, уымæ сæ хъус дардтой уагдоны кусджытæ дæр. Тускъаты Таймураз æрныхас кодта рæвдауæндоны разамонæгимæ.
Сывæллæтты ацы рæвдауæндон та аразынц Заводы поселоччы. Ам дæр уыдзæн 280 бынаты. Ныртæккæ дзы цæуынц мидæггаг куыстытæ, æмбæрзынц бæстыхайы сæр. Объект раттынфæнд кæнынц ацы аз сентябры. Тускъаты Таймураз ма йæ фæндаг ракодта Зилгæйы хъæуыл. Ам бындуронæй цалцæг кæнынц Культурæйы хæдзар. Куыстытæн сæ 70% æххæстгонд æрцыдысты. Ногæй баивтой бæстыхайы сæр, хъармдæттæн системæ, пъолтæ. Рахызтысты мидæггаг куыстытæм. Пъланмæ гæсгæ объект хъуамæ радтой майы, фæлæ аразджытæ зæрдæ æвæрынц, раздæр кæй фæуыдзысты, уымæй. Арæзтады рæстæг арæх пъланмæ хаст æрцæуынц ивддзинæдтæ. Зæгъæм, ам пъолтыл хъуамæ æмбæрзт уыдаид линолеум.
Дарддæры объект — сывæллæтты рæвдауæндон Хуымæллæджы. Бындуронæй йæ сцалцæг кæндзысты. Ныридæгæн зæронд къултæ ныххафтой, ногæй сæ байсæрстой, баивтой бæстыхайы сæр. Объект хъуамæ сцæттæ уа июны райдиан.
Дарддæр инспекцийы архайджытæ араст сты Суадаг æмæ Ставд-Дуртæм. Дыууæ хъæуы дæр культурæйы артдзæстыты бауадздзысты ног уддзæф. Суададжы йæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты, Ставд-Дурты та ногæй арæзт æрцæудзæн. Куыстытæ сты райдиан къæпхæныл. Æвæрынц ын бындур. Ам дæр проектмæ ивддзинæдтæ бахастой, фæлæ Тускъаты Таймуразмæ сæвзæрд ног фиппайнæгтæ. Премьры ныхæстæм гæсгæ бæлвырддæр хъæуы лыстæгдзинæдтæм æркæсын. Тускъаты Таймураз бабар кодта, цæмæй æппæт дзуаппдæттæг ведомствæты минæвæрттимæ æмбырд нысангонд æрцæуа. Фембæлды рæстæг хъæуы фарстатæм æркæсын æмæ сæ аиуварс кæнын.