preloader
сейчас в эфире
15:25
БИНОНТÆ 12+
Смотрите Далее
15:35
МУЗЫКÆ 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:20
МОЙ ВЛАДИКАВКАЗ 12+
16:35
ФÆРДГУЫТÆ 12+
17:05
КОГДА ПОЮТ В ОРДЖОНИКИДЗЕ 12+
ТВ ПРОГРАММА
БИНОНТÆ 12+
close

Уæрæсейаг-китайаг хъæзтыты ирыстойнаг спортсментæ рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин майданы

9.06.2026 14:01

Хъæзтыты размæ фæстаг мæй уыд уæлдай ахсджиаг.

Спортивон карьерæйæн бындур ныййарджытæ сæвæрдтой 12 азы размæ. Æрвылбоны тренировкæтæ, дæсгай ерыстæ — алы къæпхæны дæр иу Марк равдыста стыр фæразондзинад. Ушуйæ уæрæсейаг-китайаг хъæзтытæм лæппу йæхи цæттæ кодта уæлдай бæстонæй.

Хъæзтыты размæ фæстаг мæй уыд уæлдай ахсджиаг. Спортсмен бæстон бакуыста алы архайдыл дæр, уæлдæр кодта йæ арæхстдзинад. Фæлæ йын хъысмæт цыма йæ тыхтæ фæлвæрдта. Ерыстæй дыууæ къуырийы размæ йæ къух асаст, уый бирæтыл æвзæры ‘рдæм фæзындаид, фæлæ Маркыл нæ.

Уæззау цæф, æнæмæнг, йæ тыхстыл фæзынд. Фæлæ ныфс æмæ уды фидардзинад баххуыс кодтой спортсменæн бынатмæ рахизын. Кæд зындзинæдтимæ фембæлд, уæддæр равдыста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Тæрхонгæнджыты иумæйаг хъуыдыйæ Марк разынд хуыздæр.

Ноджы ма иу сыгъзæрин, ныр та уæгъдибар хъæбысхæстæй иугонд командæйы хыгъдмæ æрхаста Уырысты Баграт. 10-0. Ныфсджын уæлахиз китайаг ныхмæлæууæгыл æмæ аккаг фыццаг бынат. Спортсмен зæгъы, кæд æмæ йæ бæстон бакусын хъуыд, уæддæр хорз хатдзæгтыл нæ дызæрдыг кодта.

Баграт Хъæрæсе-Черкессийæ у. Спортæй 6 азы архайы, фыццаг къахдзæфтæ кодта йæ фыды разамындæй – ивгъуыды хъæбысæйхæцæг, ныр та тренер. Уый фæстæ æрцыд рæстæг дарддæр рæзынмæ æмæ фидæны чемпион рацыд Дзæуджыхъæумæ.

Æнæрлæугæ бæстон куысты фæрцы спортсмен йæхимæ æргом раздæхта. Хъуыстгонд клуб “Аланы”-мæ йæ фæхуыдта Фадзайты Арсен. Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион каст Баграты ныхмæлæудтæм æмæ йæ арæхстдзинадæй разыйæ баззад. Сидахъаты Зауырбег, Багаты Арслан æмæ Уалыты Владислав – номдзыд спорстментимæ фæрсæй-фарсмæ тренировкæтæ кæнын кадыл нымадта. Йæ æнтыстдзинæдтæм ын бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд, афæдз фæстæ Багратмæ фæдзырдтой Уæрæсейы иугонд командæмæ. Куыд хатдзæг – ныфсджын уæлахиз Уæрæсейаг – китайаг хъæзтыты.

Разæй Баграт æмæ Маркмæ æнхъæлмæ кæсынц ног турниртæ. Стæм хатт сæ хъæуы сæ арæхстдзинад сбæлвырд кæнын. Фæлæ, спортсментæм кæсгæйæ æнæ дызæрдыгæй ис зæгъын – ацы лæппутæ цыфæнды фæлварæнтæм дæр цæттæ ‘сты.

 

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Æппæтадæмон хæлардзинады бон | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
9.06.2026
Ставд-Дуртæ. Уарзиаты Зарæ I Фæрдгуытæ
8.06.2026
Самое время I 08.06.2026
8.06.2026
08.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
8.06.2026
В итоге: 07.06.2026
7.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 07.06.2026
7.06.2026
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
История – в наследство I Гвардия
6.06.2026
Зæхкусæджы сагъæстæ I Хæдзарадон
5.06.2026
Проект «Алания. Это мо земля», Зæрон Бæтæхъойыхъæуы фæсивæд æмæ бархионты архайд I Йæ рæстæгыл
5.06.2026
Рамазан Гаджимурадович Абдулатипов I Большое интервью
5.06.2026
Праздник Холи I Доброе утро, Осетия!
5.06.2026
Эксперты I ДОК
4.06.2026
Новые отделения РКБ, антинаркотический месячник и актуальные новости прошедшей недели I Самое время
4.06.2026
Дӕндӕгты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
4.06.2026
Все рекомендуемое