Сæ хистæртæ гуыргъахъ фæндæгтыл цыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. Дæсгай азты фæстæ сын кæстæртæ сæ цыртдзæвæнтæм хæссынц дидинджытæ. “Уæрæсейы æнæмæлгæ полчы” регионалон хайады активисттæ сарæзтой хæдтулгæтыл дугъ.
Алæмæты бынат. Юрий Визборыл зарджытæ фыста. Хæххон хъæуæй фронтмæ ацыд 120 нæлгоймаджы. 86 дзы фæстæмæ нал сыздæхдысты. Автомобилон дугъы архайы Дауиаты Аслан. Йæ фыды фыды фыд Баситы Гагуцца хæстæмæ араст 17-аздзыд лæппуйæ.
Акцийы архайджытæ Цъæйы сæ æмхъæуккæгтæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй чи нал сыздæхт, уыдоны цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ.
“Уæрæсейы æнæмæгæ полчы” Цæгат Ирыстоны регионалон хайады штабы разамонæг Бокоты Эльбрусы хъæппæрисæй акцийы архайдтой сенатор Виталий Назаренко æмæ республикон парламенты депутат Салхъазанты Алан.
Хæдтулгæтыл дугъ “Уæрæсейы æнæмæгæ полчы” форматтæй иу у. Архайæн дзы ис онлайн хуызы. 9-æм майы трансляци цæудзæн бæстæйы æппæт регионты. Уæлахизы бон “Æнæмæлгæ полк” Дзæуджыхъæуы традицимæ гæсгæ арæзт уыдзæн Сабырдзинады проспекты.
















