Уæрæсейы гвардионтæ Цæгат Ирыстоны цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц, исбон бахъахъхъæнæн куыд ис сæрдыгон, уый.
Управленийы кусджытæ профилактикон мадзæлтты рæстæг адæмæн фæамонынц, знаггадгæнджытæй хи бахизæн куыд ис, уый. Æмбарынгæнæн куысты рæстæг ныхас кæнынц бирæфатерон хæдзæртты цæрджытимæ. Æрзилынц кæртытыл æмæ байуарынц сæрмагонд сыфтæ. Давджытæ арæхдæр хæдзармæ бабырынц дуар, кæнæ гом рудзынджы уылты.
Уымæ гæсгæ, искуыдæм улæфынмæ цæугæйæ, уæ хæдзар гомæй ма уадзут, æппæты хуыздæр та сæрмагонд сигнализацион системæйæ пайда кæнын.