Владимир Путины бадзырдмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны фæзынд нацпроекттæ куыд æххæст кæнынц, уымæ цæстдарæн штаб, йæ сæргъы Битарты Вячеслав, афтæмæй. Координацион органы æмбырдтæ цæудзысты алы къуыри.
Нацпроектыл бакуыстой бынæттон цæрджыты хъуыдытæ хынцгæйæ. Куыд сæ æххæст кæнынц уымæ бæстонæй хъуамæ кæсой регионалон æмæ муниципалон хицауады минæвæрттæ – фæнысан кодта Битарты Вячеслав. Арæзтадон куыстытæ кæнын хъæуы афойнадыл, бæлвырд æмгъуыдмæ. Нацпроекттæн фарон рахай кодтой 7 млрд сомæй фылдæр. 67 федералон проектæй 50-йы нæ республикæ æнтыстджынæй бацархайдта. Ацы аз куыстытæ цæуынц 138 объектыл.