Ногбоы хæдразмæ сабитæ Митын Дадамæ фыстæг ныффыстой заз æрбарвитыны курдиатимæ. Аргъауы хъæдмæ йæ хъуамæ фæхæццæ кæна Митынлæг, фæлæ фæндагыл фæдзæгъæл. Уыцы бæллæх ын цыма фаг нæ уыд, уыйау ма йыл хинæйдзаг рувас дæр амбæлд.
Байстой фыстæг æмæ Митын Дадайы галуанмæ афардг сты хъæдмæ, фæлæ сыл уый нæ баууæндыд. Куыд æппæт аргъæутты, афтæ абон дæр — фæлывд æмæ хæлардзинады тохы фæуæлахиз сыгъдæг уд, царды цин.
Аргъауы æдæппæтæй хъазы 20 чысыл артисты, сæ кар — 7-æй 13 азы онг. Сæ аивадон разамонæг — Хъуысаты Мæдинæ. Заманхъулы культурæйы хæдзармæ æрбакъахдзæф кодта дыууæ азы размæ. Уайтагъд йæхи бауарзын кодта чызг, æцæг æгъдау æмæ хъомыс равдисгæйæ. Фыццаг уал сабитимæ сæвæрдта спектакль “Сасинка æиæ Дусинка”. Сфæлдыстадон æркаст “Иры фарн”-ы райстой дыккаг бынат. Уæдæ сæ дарддæры фæлвæрд дæр æнтыстджын рауад. Ногбоны аргъау зæрдæмæдзæугæ сси.
Театралон къордæй уæлдай, культурæйы хæдзары ис хореографион, вокалон, аив дзырды, адæмон инструментты, æрмдæсныты æмæ нывкæнынады къордтæ. Цы 60 адæймаджы сæм цæуы, уыдоны ‘хсæн хистæртæ дæр бирæ ис.
Фидæны адæмон артисттæ та уал Ногбоныл цин кæнынц. Фæлыст зазы алыварс кафынц æмæ сценæйæ се ‘нæхин мидбылхудт лæвар кæнынц се ‘мхъæуккæгтæн.