Рæзгæ фæлтæры хъомылад æмæ се `нæниздзинадыл афоныл бакусын, раст зонд сын бацамонын — уый тынг ахсджиаг хъуыддаг у. Ацы фарстамæ се `ргом бирæтæ здахынц. Æрæджы ма сыл бафтыд, — мыхуыры рацыд кæстæртæн æгъдæуттæ амонæг чиныг. Ууыл æмæ сывæллæтты хъомыладыл абон ныхас кæнæм не студийы. Спорт æнæниздзинадæн æмæ буары фидардзинадæн куыд пайда у, уый не `ппæт дæр зонæм. Уымæн æвдисæн, æрæджы Цыколайы цы футболон турнир уыд, уый. Йæ саразджытæ сты не студийы уазджытæ.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Вечерняя смена
- Выпуск от 25.11.2021
Адæмы хорзæхæй — хайджын
25.11.2021 21:04
Вечерняя смена
Выпуск от 25.11.2021
Хонæм уæ цымыдисаг темæтæм байхъусынмæ æмæ нæ зæрдæ дарæм, фыдæнхъæл уæ кæй нæ фæкæндзыстæм, ууыл. Сæ фыццаг — Паддзахадон телерадиокомпани «Алани» æртæ юбилейы къæсæрыл кæй лæууы, уый. Афтæ ма базондзыстут, нæ республикæйы стыр сфæлдыстадон хæрзиуæджы аккаг чи ссис, уыцы адæймаджы. Уæдæ ма нæ эфиры раарфæ кодтам, йæ профессионалон боныл чи `мбæлы, адæмæн йæ дæсныйадæй рæсугъд æнкъарæнтæ чи лæвар кæны, уыдонæн — дзабырхуыйджытæн.
Другие выпуски
