Статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг азты машинæтæ кæнынц фылдæр, фистæгæйцæуджытæ та — къаддæр. Паддзахадон куыстуæттæм сарæх сты хъæстытæ æмæ курдиæттæ. Æмткæй, транспорты куыстæй разы не сты, куыд бæлццæттæ, афтæ шофыртæ дæр. Цы тыхсын кæны адæмы? Ууыл дзырдтам Дзæуджыхъæуы транспорты æмæ фæндæгты арæзтады хайады сæргълæууæг Габеты Черменимæ, Уæрæсейы автоинспекцийы мидхъуыддæгты министрады техникон цæстдарды хайады разамонæг, майор Куындыхаты Олегимæ æмæ промышленность æмæ транспорты министрады хайады разамонæг Æмбалты Хъазыбегимæ.
85 азы абон хъуамæ сæххæст уыдаид советон композитор æмæ æхсæнадон архайæг Цорионты Резваныл. Йе сфæлдыстады æмдзу кодтой хъæбатырон темæ æмæ нырыккон цард. Музыкæ цы зарджытæм ныффыста, уыдон уарзон систы нæ республикæйы цæрджытæн. Уæдæ музыкæ фыста оперæтæм дæр. Композиторы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй мах аныхас кодтам Цæгат Ирыстоны композиторты Цæдисы сæрдар, Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг Махъоты Ацæмæзимæ.