Е витамин æвзæр хайджытæй буарад хорз сыгъдæг кæны. Тынг хъæздыг дзы у æхсæр. Цы кальций дзы ис, уый дæндæгтæ фидардæр кæны, калий тугдадзинтæ сыгъдæг кæны. Уымæй уæлдай ма йæхи чи мæллæг кæны, уыдонæн дæр ис æдасæй æхсæртæ хæрæн. Æхсæр, уырыссагау æй «фундук» кæнæ «лещина» хонынц. Абон уый у нæ равдысты хъайтар.