Уалдзæджы ауæдзы нартхоры нæмыг ныппаргæйæ иу, æмбисонды хъæздыг тыллæджы æрзадæй йæ фæззæг кæмæн фесгуыхт, уыцы фарны лæг уыд хуымæллæггаг Æлбегаты Андрейы фырт Харитон. Кæд йæ биографи хъæздыг нæу, уæддæр йæ ном историйы баззад.
Ивгъуыд æнусы Харитоны кой айхъуыст æгас зæххы къорийыл дæр: уымæн йæ нартхоры хуымтæ уынæг йæ райгуырæн хъæу Хуымæллæгмæ ссыд уæды Советон Цæдисы Коммунистон партийы Центрон Комитеты сæргълæууæг Никита Хрущев. Нæ архивы æз ыссардтон уыцы цауты репортажтæй скъуыддзаг æмæ уын æй уæ размæ хæссын.