Паддзахадон æххуысы фæрцы 4 азмæ республикæйы 2 мин хæдзарæй фылдæрмæ уагъд æрцыд æрдзон газ. Æмæ уыцы куыст цæуы дарддæр. Уый уыд нæ дзырды сæр газы хæдзарады минæваримæ. Сæрд дæр райдыдта, афтæмæй скъолаты рауагъдонтæн дæр сæ сагъæстæ фæфылдæр сты: хъæуы сæ фæлварæнтæ раттын.
Куыд цæуы уыцы куыст, стæй абитуренттæ сæ ных кæдæм аразынц дарддæры фæндагыл? Уыцы хабæрттæ нын радзырдта нæ иннæ уазæг. Нæ равдысты æртыккаг хайы та нæ уазæг уыд советон студенткæ, фæскомцæдисон, спортивон-парашютон клубы уæнг. Хуымæтæджы нæм не `рбацыд — абон, 3-æм июны у парашюты равзæрды бон.