Иууылдæр æвдисæн стæм, экологон уавæр Зæххы къорийыл кæй ивы, уымæн. Цæмæн æмæ цæй аххосæй, уый дæр нæ алчидæр æмбары. Фæлæ йын наукон бындур ис уымæн, цымæ? Бафарстам дзы ахуыргонды. Афæлгæсыдыстæм ма, Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы юбилеймæ цавæр мадзæлттæ цæттæ кæнæм, ууыл дæр. Æрбацыдысты нæм, кадджын поэты номыл Дзæуджыхъæуы цы национ наукон-культурон Центр кусы, уый уæнгты. Стæй ма дзырдтам, нæ республикæйы туризм райрæзын кæнынæн ахуыргæнæндæттæ ногæй цы `рхъуыды кодтой, уыдæттыл.