preloader
сейчас в эфире
17:24
ЖЕСТОКИЙ СТАМБУЛ 12+
Смотрите Далее
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
КОММУНАЛКА 12+
18:10
ТАКТИКА 12+
19:00
ХАБÆРТТÆ 12+
19:30
САМОЕ ВРЕМЯ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЖЕСТОКИЙ СТАМБУЛ 12+
close

Афганистаны чи хæцыд, уыдоны бинонтæн æххуыс. Тутыры бæрæгбон

Выпуск от: 16.03.2021

Йæ интернационалон хæс Афганистаны чи æххæст кодта, уыдоны бинонтæй зын уавæры чи бахауд, уыдонæн Цæгат Ирыстоны социалон рæзты министрад баххуыс кæндзæн æхцайы фæрæзтæй. Цас у материалон æххуысы бæрц? Æххуысхъуаг бинонты куыд æмæ чи æвзардзæн? Уый радзырдта РЦИ-Аланийы фæллойы æмæ социалон рæзты министрады адæмæн социалон æххуыс кæныны хайады хицауы хæдивæг Бетрозты Наталья.

Тутыртæ… Ацы бæрæгбоны тыххæй нæ кæд бирæтæ фехъуыстой, уæддæр æй кæм æмæ куыд бæрæг кæнынц, уый се ‘ппæт нæ зонынц. Афтæмæй та йын цы ахадындзинад ис, уый ацæргæ адæм æмæ ахуыргæндтæй хуыздæр ничи зоны. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, рæстæг алцыдæр йæ бынаты æвæры. Афтæ 2019 азы бæлвырд организацитæ сног кодтой ацы бæрæгбон. Бæрæг æй кæнынц ацы аз дæр.
Бæрæгбоныл æмæ йæ рæстмæ куыд кæнын хъæуы, ууыл аныхас кодтам «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Туаты Руслан æмæ æхсæнадон архайæг Касаты Аслæнбегимæ.

Выпуски
Ахуыргæнæджы Бон æмæ регионалон форум «Горянка»
5.10.2023 20:30
Вечерняя смена / Изæры рад
Ахуыргæнæджы Бон æмæ регионалон форум «Горянка»