Хæстон уæвын ирон адæмæн сæ туджы ис! Ахæм ныхас нæ, æвæццæгæн, сæ хистæртæй бирæтæ фехъуыстой. Историйыл куы афæлгæсæм, уæд суанг не замантæй фæстæмæ ирæттæ кæддæриддæр уыдысты алы æфсæдты. Ам та æнæбафиппайгæ нæй – сæ хъæбатырдзинады тыххæй иу сын арæх саккаг кодтой афицеры цин.
Цымæ ныр та? Бирæ фæсивæды фæнды сæ цард æфсадимæ сбæттын? Сæ фыдæлты туг сæм афтæ дзуры æви йæм æндæр исты бафтыд?
Уымæй мæ фæнды нæ уазджыты бафæрсын.