Мæй æмæ ма `рдæг баззад, афтæмæй та нæм Ног аз æрбакъахдзæф кæндзæн. О, фæлæ йыл цы хатдзæгтимæ сæмбæлдзыстæм? Цæмæй фæтыхстыстæм? Цы нæм ис зæрдæлæууæнæн? Æмæ нæ цы кæнын хъæуы, цæмæй нæ цард нæхи цæсты ахада? Низ уалдзæджы нæ къæсæрыл куы алæууыд, уæд нæ фæлварæн дæттын бахъуыд.
Райдай республикæйы хицауадæй æмæ суанг дохтырты онг. Хъыгагæн, адæмы удтæй фидинаг хæс нын фæцис, фæлæ уæддæр фæфæлтæрдджын стæм низы ныхмæ тохы. Йæ дыккаг уылæнмæ йын цыма хуыздæр цæттæ стæм, афтæ нæм кæсы. Уыцы хъуыддæгтыл ныхас кодтам абон нæ студийы уазджытимæ.