«Нымад фыссæг Айларты Измаилы уацмысты ‘взаг тынг нуарджын, фæлæ уыимæ хъомысджын у. Авторы сфæлдыстадимæ базонгæ уæвын алы æвзагуарзæгæн дæр хъуамæ хæсы хуызӕн уа. «Судзаг æвзаджы» Измаилы егъаудæр роман «Мамысоны æфцæгæй» цалдæр цымыдисаг дзырды.
Чиныджы æртæ томы дæр равгæнӕн ис электронон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-æй ацы æрвитæны руаджы: https://vk.cc/ca3Ux5
*ÆНДÆРГ — «Хохаг хъæуты рагон систæн ма сæ хылычъы дуртæ дæр фæлварынц царды æндæрг фæлгъауыныл»
*САХА — «Цыма дурсахатæ æмæ митзæйтæй раласынæй тæрсынц»
*ТЫЛИФ — «Уый ма хæцæг салдæттæ дæр æмбарынц æмæ сæхи тылифыл архайынц»
*САУЗЫМ — «Фæззæг бирæ саузым хæссы æмæ Джиуæргуыбамæ фосы хизæн нæма байста»
*ЦЫРЕН — ««Саузым аз — низджын,— ныхас цырен кæны Дзамболат»
*ЧЫРÆ — «Быдыры чырæдзаутæ ацы фæззæгæй фылдæр хор Оны калакмæ никуы фæластой».
*НÆУ — «Иннæ барæгимæ нæудзар фæзилæны фæиу сты»
*ÆФТАУЦ — «Тæккæ æфтауцы ныхыл сæхи митыл æруагътой»
*ЦУРОН — «Хъæубæсты хистæр æргомныхас цас уыди, уыйас цурон æмæ цæстмæмитæ нæ уарзта»