Рагæй æрæгмæ дæр ирон адæм зæххы куыстмæ тынг æмхиц уыдысты. Æмæ ныр кæд зæххы куыстмæ йæ ныфс стæм адæймаг хæссы, уæддæр ис ахæмтæ. Сæ иу у нæ уазæг. Пенсийы куы рацыд, уæдæй фæстæмæ нæ фæллайы зæххæн лаггад кæнынæй. Цавæр удынцойдзинад дзы исы, уымæй та йын йæхи афæрсæм.
Нæ иннæ уазæг та хæсыл нымайы кæстæрты аивадмæ æмхиц кæнын. Уæдæ йæ курдиаты фæрцы йæхæдæгдæр адæмы зæрдæтæм фæндаг ссардта. Чи у уый та уæхи цæстæй фенут.