Нæ республикæйы кусын райдыдта программæ «Alania business accelerator». Ацы программæ сæрмагондæй арæзт æрцыдис фæсивæдæн, цæмæй уыдон æмхиц кæной амалхъомдзинадмæ. Йæ аразджыты ныхæстæм гæсгæ, æрыгæттæн фадат уыдзæн сæ цымыдисаг хъудытæ царды рауадзынæн. Цæмæй хабæрттæ бæлвырддæр базонæм, уый тыххæй ныхас кæнæм нæ студийы уазджытимæ. Уыдон сты: Мæргъиты Владимир, Доййаты Заур – амалхъом адæймæгтæ æмæ Гæлæбаты Мурат – проекты бæрнон цæстдарæг.
Раздæр куыд загътам, афтæмæй абонæй фæстæмæ нæ программæйы кусын райдыдта ног рубрикæ. Æмæ хуыйны «Адæмон». Йæ мидисмæ гæсгæ арæзт у сымах пайдайæн, нæ зынаргъ æмбæлттæ! Æргом дзы кæндзыстæм, нæ республикæйы цæрджытæ цы административон æмæ социалон къуылымпыдзинæдтимæ сæмбæлынц, уыдон. Развæлгъау уын зæгъдзынæн, æрмæджытæ исдзыстæм сымах курдиæттыл æмæ фарстытыл æнцайгæйæ. Нæ фыццаг рауагъд баст уыдзæн пенси исыны хъуыддагимæ. Бындурæн райстам нæ телевизормæ кæсæджы фыстæг. Цы раиртæстам, уымæ бакæсут. Чи зоны, æмæ пайда уыдзæн сымахæн дæр.