Уалдзӕги тӕмӕни зӕйӕ куд фенкъуса, уоййау ӕваст фезмалдӕй тугъд, ӕгъатир, уодхӕссӕг тугъд… Искодта уӕззау рӕстӕг ӕма Райгурӕн бӕстӕ ӕ хуӕздӕр фурттӕмӕ тугъди будурмӕ раседтӕй.
Нӕ сӕртӕй ниллӕг ковӕн, тугъди содзгӕ будури ӕ рӕсугъд цард нивондӕн ка `рхаста , йеци ӕдзард зингхуст тугъдонтӕн. Уони ӕмрӕнгъӕ Сурх-Дигори гъӕуӕй, Бӕлоти Дафай федар къӕсӕрӕй Фидибӕсти стур тугъдмӕ ка ракъахдзӕф кодта, еци ӕхсӕз цардбӕллон бӕлццони: Батӕрбег, Андрей, Сослӕнбег, Геуӕрги, Таймураз ӕма Тотраз.
Кадӕ ӕма намуси аккаг лӕгӕн ӕ зӕнхон цард ку фӕууй, уӕддӕр ма ӕ ном фӕццӕруй зари. Зари ӕма адӕми зӕрдити…