Алы ныййарæгæн дæр йæ сабимæ ис цавæрдæр домæнтæ. Иуты фæнды, цæмæй йæ сывæллон хъуыстгонд æмæ курдиатджын суа, æмæ йын йæ фæллад суадзыны бар дæр нæ фæдæттынц. Иннæтæ та сæ хъус дарынц æрмæстдæр хъомылады хъуыддагмæ, цæмæй сын фидæны худинаг ма уа. Фæстаг ссæдз азы парахат кæны хъомыладæн йæ ног фæзынд. Цæмæй скъолайы фæстæ сывæллæттæ сæ рæстæг пайдаимæ æрвитой æмæ сæ миддуне хъæздыгдæр кæна, уый тыххæй фæзындис алыхуызон къордтæ: ныв кæныны, кафыны, музыкалон инструменттæй цæгъдыны къордтæ, спорты алы хуызтæ… Ныййарджыты хъуыдымæ гæсгæ, сывæллон искуы куы æрвита йæ рæстæг, æмæ истæуыл куы ахуыр кæна, уæд йæ сæры æвзæр хъуыдытæ не’взæрдзæн.
Иу фарст иннæйы фæдыл æвзæрын райдайынц: цы хъæуы, цæмæй саби курдиатджынæй схъомыл уа, æмæ дзы фидæны хорз адæймаг рауайа, уый тыххæй? Ацы фарстайæн йæ дзуапп хуымæтæг у: хъæуы зонын бæрц.