Йе стыр курдиат æмæ йæ рæсугъд зæрдæйæ Иры дзыллæйæн кад чи кодта, ирон уæздан зарæгæй адæмы зæрдæтæм фæндаг чи ссардта, фырбуцæн «Иры булæмæргъ» кæй хуыдтой, уый уыдис Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист Баллаты Валодя.
Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис, поэты загъдау, нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у мад. Баллаты Валодяйы «Мады зарæг» ирон аивады сызгъæрин къæбицы хæзнатæй иу у.