Гитлерон Дзæуджыхъæумæ куы лæбурдта, уæд республикæйы кæцыдæр хай, сахартæ æмæ хъæутæ, оккупацийы бахаудтой. Ныхкъуырд райсгæйæ фашист тугкалгæйæ алæсыд Иры зæххæй. Фæлæ ма, фæстагмæ, йæ маргæй басыгъта цас йæ бон бацис, уыйас.
Уæд Алагиры æрцыди æвирхъау цау. Немыцæгтæ амардтой 90-аздзыд сылгоймаджы, йæ чызг æмæ йæ фырты. Уыдон уыдысты Баситы бинонтæ. Амардтой сæ, æрыгон чызг — ахуыргæнæг Баситы Чабæхан немыцæгтимæ кусын кæй не сразы, уый тыххæй. Ныхасы бар — нæ уацхæсджытæн.