18 азы размæ сау сынтытæ сæ базыртæй хур бааууон кодтой Ирыстоны сæрмæ. 18 азы размæ ныл æрцыд, мыггагмæ кæй нал ферох кæндзыстæм, ахæм фыдбæллæх. Беслæны 1-æм скъолайы бацарæфтыд сты æнаххос сæдæгай адæймæгтæ. Сывæллæттæ. Æгъатыр фыдгæнджытæ ирон адæмы фидæн бафæлвæрдтой къахæй ныссæндын. Æмæ ныр 18 азы адæм къахихсыд кæнынц Беслæны ног уæлмæрды ахизæнтыл цæугæйæ.
Нæ телекомпани комкоммæ эфиры `вдисы æмæ `вдисдзæн, ацы 3 боны Беслæны цы цæудзæн, уыдæттæ. Æмæ нæ, бæргæ, уыцы нывтæй дунескæнæг куы бахызтаид. Нæ йын рауад. Уæвгæ, нæ хæс уымæй бæрнондæр кæны: чи нал ис, уыдоны нæмттæ рох кæнын ма бауадзын. Кæмæй ферох уой, уый та йæхи удгоймагыл мауал нымайæд.
















