Ног ахуыры азы райдайæн. 3-æм сентябрь. Беслæн… Ацы дзырдтæ ныр æнустæм иумæ баст сты.
Æнустæм зæрдыл лæууын кæндзысты сывæллæтты цæссыг, мадæлты хъарæг, нæлгоймæгты кæуын — æмæ чи нæ къаддæр кæны, ахæм рыст.
16 азы рацыд, фæлæ Беслæны цаутæ æрхъуыды кæнгæйæ, зæрдæ уæддæр сриссы, цæссыг та бауромæн нæ вæййы.
Исчи зæгъдзæн, зын у, адæмы рыстыл нал хъæуы æфтауын… Фæлæ цæмæй æппæт терактты амæттæгтæ рæстæджы цыдимæ рох ма уой, цæмæй нæ алчидæр хатдзæгтæ скæна, цæмæй иумæйагæй тох кæнæм терроримæ — уый тыххæй хъæуы дзурын, мысын, амонын.
Абон мах нæ студийы арæм Беслæны чи бацарæфтыд, уыдоны нæмттæ.