Билаонты Долорес

27.09.2020 19:00

Аивады æвæрæнтæй

Выпуск от 27.09.2020

Ис ахæм сылгоймæгтæ, æмæ алцæмæйдæр вæййынц æххæст: сæ зондæй, æгъдауæй, бакастæй. Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ, ирон оперон сценæйы раззагдæр зарæггæнæг, стыр курдиаты хицау Билаонты Долорес ныууагъта ирд фæд ирон аивады. Доля… афтæ йæ уарзгæйæ хуыдтой йæ райгуырæн Ирыстоны.

Другие выпуски
Аивады æвæрæнтæй

Хъалæгаты Федыр

Нæ аивады æвæрæнтæ хъæздыг сты, аргъ кæмæн нæй ахæм æрмæгæй. Бирæ ирон спектакльтæ, стыр хъыгагæн, сæ рæстæджы æнæхъæнæй фыст не рцыдысты пленкæйыл, фæлæ цæ баззадысты скъуыддзæгтæ, æмæ сæ фæрцы абон ис фадат бакæсын нæ зындгонд артисттæм.

Ирон адæмы уарзондæр артисттæй иу Хъалæгаты Майрæмы фырт Федыр зынгæ фæд ныууагъта нæ театралон аивады. Нæ архивы ис Саламты Къолайы драмæйыл æвæрд спектакль «Сæрмæт æмæ йæ фырттæй» скъуыддзаг.  Уым Федыр ахъазыд, йæ актерон дæсныйад ын тынг бæрзонд чи систа, ахæм ролы. Фыд æмæ фырт карды комæй кæсынц кæрæдзимæ. Революцийы фæстæ ног царды уаг хъыгдары зæронд Сæрмæты, Хетæгæн та цардамонд хæссы. Федыр Хетæджы куыд хъазыд, уымæн цардæгас æвдисæн сты Тæбæхсæуты Балойы ныхæстæ. Уый ацы спектаклы хъазыд зæронд Сæрмæты ролы: «Ахæм тохы-иу бацыд мемæ, æмæ-иу тæрсгæ кодтон, кæд дзы, мыййаг ферох, сценæйы кæй стæм, уый».

Абон уын уæ размæ хæссæм уыцы скъуыддзаг.

выпуск от 15.11.2020