Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжæн йæ кад фæбæрзонддæр. Нырæй фæстæмæ йын ис федералон иннвацион фæзы нысаниуæг. Куыст дзы цæудзæн астæуккаг ахуырад фæхъомысджындæр кæныныл. Æрыдойнаг ахуыргæнæндоны æнтыстдзинæдтыл бæлвырддæр æрдзурдзыстæм чысыл фæстæдæр.
Фæлæ иугæр астæуккаг ахуырадыл дзурæм, уæд уын уæ зæрдыл æрлæууын кæнынмæ хъавын, æрæджы дзыллон-хабархæссæг фæрæзтæ цы хъусынгæнинаг рапарахат кодтой, уый. Хæстæгдæр 5-10 азы дунейы нал бахъæудзысты шофырты, кассæйы кусджыты, постхæссæджы æмæ ма ноджыдæр цалдæр дæсныйады.
Уыцы хъуыддагæн бындур ис, æви нæй, æмæ уыцы дæсныйæдты бæсты цавæр ног куыстытæ фæзындзæн, ууыл ныхас кæнæм не студийы уазджытимæ: Дзæуджыхъæуы хæххон-металлургон техникумы ахуыргæнæг Борæдзаты Ирбегимæ æмæ Дзæуджыхъæуы бирæфадатджын техникумы ахуыргæнæг Габеты Аллæимæ.
Ногæй бакусдзысты ахуырадон программæтыл, студентты зонындзинæдтæ фæфылдæр кæныныл. Æппæт уыцы хорздзинæдты аккаг цæй тыххæй сси Æрыдоны аграрон-технологон колледж, уый тыххæй та нын радзурдзæн, ахуыргæнæдоны сæргълæууæджы хæдивæг Гæцойты Эльбрус.