Нæ программæйы абоны хъайтар у æрыгон травматолог Ботъоты Георгий.
Нырма æрыгон адæймаг у Геор, фæлæ йæхиуыл барвæндонæй сæвæрдта уæззау уаргъ. Рынчынты бæрны бацæуынæн стыр ныфс æмæ егъау уды тыхтæ хъæуы. Хирургæн та йæ цард йæхи бар нал вæййы. Æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, хъуамæ кæддæриддæр цæттæ уа рынчыны фарсмæ æрбалæууынмæ, йæ къухмæ скальпель райсынмæ….